Карен Мдинарадзе 22 азы фӕстӕ мысы, Беслӕны скъолайы амынӕтӕй куыд раирвӕзт, уый
Видеооператор Карен Мдинарадзе 6 азы кусы футболон академи "Алани"-йы. Исы канд голтӕ нӕ, фӕлӕ ма спортсменты уӕззау ӕрвылбоны куыст дӕр уӕлахизты сӕраппонд. Спортуарзджытæн равдыста бирӕ рæсугъд хъӕзтытӕ ӕмӕ ӕрыгон футболистты ахсджиаг тренировкӕтӕ. Сентябры та сног вæййынц, 22 азы размӕ цы цаутӕ ӕрцыд, уыдон. Иннӕ сӕдӕгай амынӕттимӕ уыдис Беслӕны 1-ӕм скъолайы. Уыцы мысинӕгтӕ баззайдзысты йемӕ ӕнусмӕ. Алы аз дӕр йе 'мкусджытимӕ æрымысы, чи фӕмард, уыдоны ном. Карен сӕтты, тынг зын ын кӕй у уыцы ӕвирхъау бонтӕ мысын. Фыццӕгӕм сентябры Беслӕнмӕ ӕрцыд йӕ куысты фӕдыл, цӕмӕй скъолайы линейкӕ сиса Кудзаты чысыл Дзерассӕйӕн. Бӕрӕгбоны уыдис хъӕлдзӕг, ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕнхъӕлмӕ кастысты фыццаг дзӕнгӕрӕгмӕ. Террористтӕ адæмы иу хай батардтой ахуыры къласмӕ, æмӕ Карен дӕр уыд се 'хсӕн. Тынг фӕтарстысты, хъавыдысты рудзгуыты уылты æддæмæ раирвӕзынмӕ. Уыди тӕвд, æххормаг æмæ дойны. Адӕмы сӕрмӕ ауыгъд уыдысты, террористтӕ цыфæнды уысм дӕр кӕй срӕмыгътаиккой, ахӕм бомбӕтӕ. Карен фӕцӕф ӕмӕ спортзалы цалдӕр хатты бауадзыг. 3 сентябры — срӕмыгъд, зынгсирвӕзт. Тарст адӕм ӕддӕмӕ азгъордтой. Каренмæ хъару нал уыд, йӕ къӕхтӕ нал ӕнкъардта, фӕлӕ уæддæр рудзынгмӕ бырыд, кӕд фервӕзид, зӕгъгӕ. Адӕм згъордтой бирæуæладзыгон хӕдзӕртты 'хсӕн къæбицмæ. Фӕстӕдӕр цӕфæй Карены ссардтой гаражты 'хсӕн. Радтой йын дон ӕмӕ йын бакодтой фыццаг медицинон ӕххуыс. Афӕдзы 'рдӕг фӕци Мӕскуыйы Федоровы номыл рынчындоны. Дохтырты бон баци ӕрмӕстдӕр йæ иу цӕст фервӕзын кӕнын. Срӕмыгъды схъистӕ ма абон дӕр йӕ буары сты. "Фӕстаг рӕстӕг риссын райдыдтой, фӕлӕ зындзинæдтæн нæ сæтгæйæ дарддӕр цӕрын хъӕуы", — зæгъы Карен.