Беслӕны теракты амӕттӕгты ӕрхъуыды кодтой ЦИПУ-йы
Цӕгат Ирыстоны паддзахадон университеты ацыд номарæн линейкӕ. Терроризмы ныхмӕ тохгæнджыты бон уæлдæр ахуыргæнæндоны кæрты ӕрӕмбырд сты студенттӕ æмæ ахуыргӕнджытӕ, ссардтой, чи фӕмард, уыцы амынӕтты ӕмӕ сӕрмагонд дӕлхайӕдты æфсæддонты ном. Æмбырды архайджытæм йæ раныхасы фæсидт ЦИПУ-йы ректор Огъуаты Алан. Уый зӕрдыл ӕрлӕууын кодта: 2004 азы трагеди республикӕйы истори дыууæ дихы фæкодта. Чи бацарæфтыд, уыдоны нæмттæ æнусмæ рох нæ уыдзысты. Линейкæйы кæронбæттæн арвæ суагътой 334 уӕлдӕфон тымбылӕджы.