Козаты Зелимхан сси Цӕгат Ирыстоны паддзахадон базарадон-экономикон колледжы проекты хъайтар
Цӕгат Ирыстоны сгуыхт артист, Уӕрӕсейы адӕмон артист, "Ирыстоны намысæн" майданы хицау. Паддзахадон ансамбль "Алан"-ы аивадон разамонӕг Козаты Зелимхан сси проект "История в лицах"-ы хъайтар. Цӕгат Ирыстоны базарадон-экономикон техникумы йæ æххæст кæнынц ныр фондз азы дӕргъы. Ирд концерт бабӕрӕг кодтой зындгонд кафӕджы хӕлӕрттӕ ӕм ӕ ӕмкусджытӕ. Артистæн дыууæ мин дыууын æхсæзæм юбилейон у. Ноябры Зелимханыл сӕххӕст уыдзӕн æвдай фондз азы. Сценӕйыл — зындгонд кафджыты къордтӕ ӕмӕ артисттӕ. Уымӕй уӕлдай мадзалы уыд видеоролик "Бӕллицмӕ фӕндаг" ӕмӕ къамты равдыст. Козаты Зелимханы тыххӕй цымыдисаг æрмæг æрæмбырд кодтой колледжы бархион студенттæ.