Республикæйы уæлдæр закъондæттæг органы сырæзтыл ацы аз сыххæст 33 азы.
33 азы размæ арæзт æрцыдысты ахсджиаг къахдзæфтæ æмæ райдыдта нæ республикæйы Парламенты истори. 1990 азы 9 декабры уагъд æрцыдысты Хуссар Ирыстоны Уæлдæр Советмæ æвзæрстытæ, кæцытæ фидар бындур æрывæрдтой нæ паддзахады сырæзтæн. Ацы бон сыгъзæрин дамгъæтæй фыст æрцыд нæ бæстæйы сырæзты историйы.