Беслӕны Мысӕн Вахтӕ кӕронмӕ ӕрхӕццӕ
Мысӕн Вахтӕйы æртыккаг бон. Райсомӕй фæстæмæ пырх 1-æм скъоламæ цæуынц адæм. Къухты мыдадзын цырæгътæ, æрхæндæгæй мысынц, ацы спортивон залы ӕнусмӕ чи баззад, уыдоны. Сæ номыл ракуывд ацыд дзæуджыхъæуккаг æмæ Алайнаг архиепископ Герасимы разамындæй. Скъоламæ цæуынц æнæхъæн делегацитæй бæстæйы алы бынæттæй. Æвирхъау бæллæхы амæттæгты ном ссарынмæ сæмбæлдысты Æппæтуæрæсеон студентон корпусы Донецкы хайады минæвæрттæ дæр. Къултыл Беслӕны трагедийы амӕттӕгты къамтӕ. Рыст нӕ сабыр кӕны 22 азы фӕстӕ дӕр. Чи фæмард, уыдоны хиуæттæн æмæ хæлæрттæн сæ цæссыг бауромын зын у. Беслӕны теракты тыххӕй æмдзæвгæтæ сæнусон кодтой Дæллаг Новгороды скъоладзауты делегацийы æмæ Дæллаг Новгороды парламенты депутат Игорь Рузанкины проект «Беслан. Вахта памяти»-йы фæлгæты фыст мемориалон фæйнæгыл. Абон æй байгом кодтой терроризмы профилактикæйы æппæтадæмон центрмæ бацæуæны. Куыддæр 13 сахаты æмæ 5 минуты ралæууыд, афтæ скъолайы кæртæй дзæнгæрæджы дыууæ цæфы райхъуыстысты: уыцы рæстæг 2004-æм азы спортзалы æрцыд дыууæ рæмыгъды. Скъолайы кæрты арвмæ суагътой 334 уæлдæфон тымбылæджы. Дзуары цыдæй саударæн мадзалы архайджытæ араст сты мемориалон уæлмæрд «Зæдты горæт»-мæ. Уым «Хъыджы бæлас»-ы монументы цур сæвæрдтой дидинджытæ, Метрономы цæфтимæ бакастысты, 22 азы размæ террористты къухæй чи фæмард, уыцы амынæтты, сæрмагонд дæлхайæдты æфсæддонты æмæ Æнæнхъæлæджы уавæрты министрады кусджыты нæмттæ æмæ мыггæгтæ. Мадзалы архайдтой регионы разамонӕг Сергей Меняйло, хицауады уæнгтæ, ӕхсӕнадон архайджытæ.