Цæгат Ирыстоны райдыдта ног ахуыры аз
Цæгат Ирыстоны райдыдта ног ахуыры аз. Кадджын линейкӕтӕ уыциу рӕстӕг цалдӕр ахуыргæнæндоны бабӕрӕг кодтой республикӕйы разамынды минӕвӕрттӕ ӕмӕ арфӕ ракӕндзысты ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ ахсджиаг цауы фӕдыл. Партæты уæлхъус æрбаддзысты 8 мин фыццагкъласонæй фылдæр. Се'ппæт дæр республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйлойы номæй райсдзысты лæвæрттæ. Ацы аз регионы бындурон цалцæджы фæстæ байгом уыдзысты 14 скъолайы, иу та – рацарæзты фæстæ. Уымæй уæлдай ахуырадон кусæндæтты ног кæнынц материалон бындур: скъолатæ райстой 250 мин ног чиныджы, уыдонæй 50 мины ирон æвзаг æмæ литературæйæ. Уæлдай 'ргом — районты кадрты фарстамæ. Ныридæгæн куысты бынаты 'рлæууыдысты 19 хъæууон ахуыргæнæджы. Алчидæр сæ райсдзæн паддзахадон æххуыс — милуан сомы. Рæзы скъолайы автобусты парк дæр: ныртæккæ республикæйы сты 192. Æрмæст 2026 азы балхæдтой 26 ног хæдтулгæйы.