Фӕсномыг "Липа"-имӕ офицер сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы тох кӕны фыццаг бонтӕй фӕстӕмӕ
Артиллерион канонадӕтӕ, сармадзанты æхситт ӕмӕ æппынæдзух тасдзинад — офицерӕн тохы бынаты уавӕртӕ ахуыр сты. "Липа" хӕцы размæбырсæг къорды ӕмæ ӕфсады æрвылбоны тыххӕй алцыдӕр зоны. Фӕлӕ, арӕх куыд вӕййы, афтӕ æфсæддон йæ фæндаг равзæрста суанг сабийӕ. Танктӕ ӕмӕ салдӕттӕй хъазгӕйӕ йӕхӕдӕг дӕр нӕ бафиппайдта, Райгуырӕн бӕстӕ бахъахъхъӕныны нысантæм куыд бӕллын райдыдта, уый. Скъолайы йе 'ргом фылдæр здæхта Уӕрӕсейы историмӕ, ахуыр кодта хӕцӕнгӕрзты хуызтæ, ахуыргæнæндон каст æй куы фӕци, уӕд та фидарӕй зыдта — дарддӕр йӕ фӕндаг цӕуы ӕфсадмӕ. Уый фӕстӕ контрактмӕ гӕсгӕ службӕ ӕмӕ сӕрмагонд æфсæддон операцийы райдайӕн. Сӕтты фыццаг тохы размӕ мӕт кодта, ныртӕккӕ та йын фронт сси дыккаг хӕдзар. Фæсте — дæсгай зын операцийы, дарддæр та фылдæр – зæгъы офицер. Зындзинӕдты сæрты хизын ныридæгæн ахуыр у. 2023-æм азы "Липа" каст фӕци квалификаци бӕрзонддӕр кӕныны курсытӕ, уым ын радтой кӕстӕр лейтенанты цин ӕмӕ йӕ снысан кодтой ротӕйы командиры хӕдивӕгӕй. Ӕфсӕддоны ныхӕстӕм гӕсгӕ — куыст ног у, хӕс дӕр афтӕ — фӕуӕлахиз уӕвын. "Липа"-йы цӕфтæ нӕ асастой, ӕрмӕст æй сразæнгард кодтой дарддӕр цӕуынмӕ. Бирæ зындзинæдтæ, цонджы саст ӕмӕ тугдадзинты хъыгдард — ныртӕккӕ офицер у ӕнӕниз — цӕттӕ у фӕстӕмӕ æфсæддонты рæнхъыты æрлæууынмæ. Бинонтӕ йын ис, фронтæй йæм æнхъæлмæ кæсынц йӕ бинойнаг ӕмӕ 6-аздзыд лӕппу — ӕппӕты зынаргъдӕр лӕвар, дзуры ӕфсӕддон. Зӕгъӕн ис, ӕмӕ сӕ алы мӕй дӕр исы фыстæджытæ ӕмӕ лӕвӕрттӕ — ӕнӕ ахӕм ӕххуысӕй фронты уæвын зын у. Санаты Давид, Суанты Алан