Змейкæйы 2-æм скъолайы ӕрымысыдысты Беслӕны теракты амӕттӕгты
Ацы бонты Беслӕны трагедийы амӕттӕгтыл хъыг кӕны ӕгас республикӕ дӕр. Номарæн мадзал ацыд Змейкæйы дыккæгæм скъолайы дæр. Сæрмагонд линейкӕйы фæсивæд æрымысыдысты, партæты уæлхъус чи нал сбадт, уыдоны. Скъоладзаутæ кастысты ӕмдзӕвгӕтӕ, монологтӕ, чи фæмард, уыдоны номыл минут æдзæмæй алæууыдысты. Кæронбæттæны сывӕллӕттӕ арвмӕ суагътой урс тымбылæгтæ, уыдон систы сентябры символтæй иу. Ахӕм акцитӕ скъола ӕрвылаз расиды, ахуыргæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй уыцы цаутæн рох кæнæн нæй.