Сергей Меняйло архайдта терроризмы ныхмæ нысангонд конференцийы
Абон ма Беслæны фыццæгæм скъолайы музейы, сæргълæууæг байгом кодта конференци, нысангонд æрцыд терроризмæн. Сергей Меняйло фæнысан кодта, абон ахсджиаг у трагедийы амæттæгты хъуыды кæнын. Мадзал сбастой терроризмы ныхмæ национ комитеты 20 азы бонимæ. Министртæ, ЦИПУ-йы æмæ Цæгат Кавказы хæххон металлургон институты эксперттæ æрдзырдтой Цæгат Ирыстоны экстремизмы ныхмæ координацион центрты архайдыл. Райсом Дзæуджыхъæуы ахуырадон кусæндæтты скæндзысты сæрмагонд æмбырдтæ, эксперттæ æмæ студенттæ ныхас кæндзысты æппæтадæмон æдасдзинады фарстатыл.