Алыбегты Эллæ кусӕг балцы уыд Алагиры
Республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Алыбегты Эллæ кусӕг балцы уыд Алагиры. Районы ахуырадон организациты разамонджытӕ æмæ Алагиры районы муниципалон сконды сæргълæууæг Бутаты Арсенимæ æрныхас кодтой районы ахуырады къабазы ахсджиаг фарстатыл. Сæйрагдæр у ахуырады хæрзхъæддзинад фæуæлдæр кæнын. Æппæтуæрæсеон олимпиадæты архайын. Сæ фæрстытæ радтыны бар уыд районы цæрджытæн æмæ скъолаты директортæн. Сæ ахсджиагдæрты 'хсæн чингуыты автортимæ æмгуыстад æмæ сабиты фыццæгæм кълæстæм исыны фæтк. Алыбегты Эллæ куыд фæнысан кодта, афтæмæй комкоммæ фембæлдтытæ къабазы райрæзтыл зынгӕ фæбæрæг уыдзæн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, цæрджытимæ фембæлдтытæ аразынц Сергей Меняйлойы хъæппæрисæй. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Алыбегты Эллæ кусӕг балцы уыд Алагиры
Категория:
Новости и СМИ