Дзæуджыхъæуы кæронмæ æрхæццæ хæдахуыр футболон лигæйы регионалон чемпионат
Дзæуджыхъæуы кæронмæ æрхæццæ хæдахуыр футболон лигæйы регионалон чемпионат. Турнир ацыд иу къæпхæнмæ гæсгæ. Архайдтой дзы Дзæуджыхъæу æмæ республикæйы районтæй 10 командæйы. Фæуæлахиз футболон клуб «Малаканка». Кæронбæттæн хъазты йæ ныхмæлæууæг къордæй 8:3 хыгъдимæ разынд тыхджындæр. Ныр «Малаканка» архайдзæн æппæтуæрæсеон æмвæзады ерысы. Хæдахуыр футболон лигæйы чемпионат ацæудзæн Сочийы 3-æй 7-ӕм ноябрмæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы кæронмæ æрхæццæ хæдахуыр футболон лигæйы регионалон чемпионат
Категория:
Новости и СМИ