Цæгат Ирыстоны рауагътой посты сæрмагонд маркæ Аланийы аргъуыды 1100 азы кадæн
Цæгат Ирыстоны рауагътой посты сæрмагонд маркæ Аланийы аргъуыды 1100 азы кадæн. Мадзал ацыд Дæуджыхъæуы почтамты сæйраг хайады. Бæрæгбоны номыл маркæйы тираж у 120 мин экземпляры, йæ аргъ — 50 сомы. Ис ыл Едзиты Сосланбеджы скульптурæ «Хъыггæнæг зæд»-ы сурæт. Йæ саразынæн бацæттæ кодтой сæрмагонд мыхуыр. Уымæн дæр йæ фæд æвдисы маркæйы хуыз. Кадджын мадзалы бацархайдтой Посты бастдзинады федералон управленийы разамынд æмæ республикæйы филателистты æхсæнады уæнгтæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Цæгат Ирыстоны рауагътой посты сæрмагонд маркæ Аланийы аргъуыды 1100 азы кадæн
Категория:
Новости и СМИ