Транскам сæхгæдтой хæдтулгæты æппæт хуызтæн
Арвыкомы фæндаг уæзласæн хæдтулгæтæн сæхгæдтой боныхъæды уавæртæ хынцгæйæ. Хæхбæсты уары мит, къæдзæхты фæхстыл æмбырд кæны æмæ тæссаг у зæйтæ рацæуынæй. Транскамы фæндаг дæр, боныхъæды уавæртæ кæй февзæрдæр сты, уый аххосæй сæхгæдтой. Ам дæр уæзласæн машинæтæн ацæуыны бар нæй. Уый хынцгæйæ, ирвæзынгæнджытæ сидынц адæммæ, цæмæй фыдбылызтæй сæхи хизой. Сæ балцыл рагацау хъуыды кæной æмæ тæссаг рæттæм ма цæуой. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Транскам сæхгæдтой хæдтулгæты æппæт хуызтæн
Категория:
Новости и СМИ