Социалон нысаниуæгимæ проектты райрæзтыл дзырдтой сæрмагонд æмбырды
Социалон нысаниуæгимæ проектты райрæзтыл дзырдтой сæрмагонд æмбырды. Амыдта йæ республикæйы вице-премьеры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг, Уæрæсейы президенты цур Цæгат Ирыстоны æххæстбарджын минæвар Дзанайты Барис. Æмбырды ма архайдтой республикæйы министрадты разамонджытæ. Фыццаджыдæр ныхас цыд фæрæзтæ кæмæн нæма радих кодтой, уыцы объекттыл. Дзанайты Барис загъта, æнгом æмгуыстад кæй кæнын хъæуы федералон оргæнтимæ. Бацархайын хъæуы документаци раст бацæттæ кæныныл дæр. Вице-премьер ма бабар кодта мониторинг скæнын, уый хыгъд фæнысан кæнын республикæйы райрæзтæн мадзæлттæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Социалон нысаниуæгимæ проектты райрæзтыл дзырдтой сæрмагонд æмбырды
Категория:
Новости и СМИ