Хуссар ӕфсӕддон зылды сгарджытӕ бавнӕлдтой Цӕгат Ирыстоны хӕххон полигон «Дарьял» ы сарӕзтой комплек
Хуссар ӕфсӕддон зылды сгарджытӕ бавнӕлдтой Цӕгат Ирыстоны хӕххон полигон «Дарьял»-ы комплексон ерыстӕ саразынмӕ. Ерыстӕ уыдзысты тактикон-сӕрмагонд, артын, инженерон, ӕфсӕддон-медицинон ӕмӕ хӕххон цӕттӕдзинады фӕдыл арӕзт. Архайджытӕ уыдзысты 200-йы бӕрц. Уыдоны 'хсӕн ӕфсӕддон хай ӕмӕ хуссар ӕфсӕддон зылды иугӕндты ӕфсӕддонтӕ. Къуырийы дӕргъы сгарджытӕ ерыс кӕндзысты сгарӕн-агурӕн архӕйдтытӕ сӕххӕст кӕнынӕй, уацайрӕгты суӕгъд кӕнынӕй, зындзӕуӕн бынӕттӕй рацӕуынӕй, дзырдгонд ныхмӕлӕууӕджы скуынӕг кӕнынӕн артиллерион дӕлхайӕдтӕм координаттӕ раттынӕй. Кӕронбӕттӕны сгарджытӕ хъуамӕ ӕмбырдгӕнӕн бынатмӕ ӕрбаздӕхой. Ерысты фӕлгӕты сбӕрӕг кӕндзысты уӕлахиздзауты дӕр. Мы рядом в: https://youtube.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Хуссар ӕфсӕддон зылды сгарджытӕ бавнӕлдтой Цӕгат Ирыстоны хӕххон полигон «Дарьял» ы сарӕзтой комплек
Категория:
Разное